Перейти к содержанию

Харебаты Леонид

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Харебаты Леонид
Райгуырды датæ 1934
Райгуырæны бынат Хуыцъе, Лагодехы муниципалитет
Мæлæты бон 2019-æм азы 3 апрелы(2019-04-03)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Хорзæхтæ
Кады Нысан

Харебаты Петройы фырт Леонид (райгуырдис 1934-æм азы[1] Хуыцъейы хъæуы — амардис 2019-æм азы 3 апрелы[2]) у ирон поэт, прозаик, куысты ветеран, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг.[3]

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Харебаты Леонид райгуырдис Къахеты Хуыцъейы хъæуы.

Йæ фыццаг роман «Уарзт æмæ денджыз» мыхуыры рацыд 1971 азы, уырыссагау – 1977 азы, æмæ 1981 азы та – гуырдзиагау.

Йæ дыккаг роман «Сыгъдысты зæрдæтæ», загъгæ, фыццаг том рацыд 1983 азы, Цхинвалы, рауагъдад «Ирыстон»-ы.

Леонид у республикæ Хуссар Ирыстоны иууыл бæрзонддæр хорзæх «Кады орден» хæссæг, куысты ветеран, ССР Цæдисы фысджыты цæдисы уæнг.[4]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ossetians.com // Харебаты Леонид
  2. Cominf.org // Ушел из жизни выдающийся осетинский писатель Леонид Харебов
  3. Харебаты Л. Мæ мысинæгтæ. — Цхинвал: Ирыстон, 2006. — 134 ф.
  4. Фидиуæг №5/2022 // Туаты Ленæ – Харебаты Леониды мысгæйæ